Къуырисæры Монреалы «Мастерсыл» фыццаг зылды бон уыд æмæ фыццаг бон баиу ис тохмæ дунейы 17-æм номыр Николоз басилашвили. Йæ æндæрг уыдис сербаг Душан Лайович, кæцы дунейы рейтингы 28-æм бынатыл ис. Уæззау фембæлды Басилашвили æртæ сеты мидæг фæуæлахиз ис -3:6, 6:4, 6:4. Хъазт аххæссыд дыууæ сахат æмæ цыппар минуты бæрц.
Дыккаг зылды Басилашвили фембæлдзæн немыцаг Йен-Ленард Штруфимæ, кæцы 6:2, 6:2 хыгъдæй скуынæг кодта францаг Жо-Вилфрид Цонгайы.