Никол Пашинян – Сомих æххæст кæны уæрæвекторон политикæ, сыхаг Иран æмæ Гуырдзыстонимæ хæларадон ахастытæ фæарфдæр кæнгæйæ, Азербайджан æмæ Туркимæ æхсæнпаддзахадон ахастытæ аразæм

18:19, 01.09.2026

Армени  æххæст кæны бирæвекторон æдтаг политикæ, кæцыйы мах хонæм балансиргонд æдтаг политикæ – уый фæдыл Шанхайы æмгуыстады организацийы саммиты рæстæджы расидтис Сомихы премьер-министр Никол Пашинян.

Пашиняны хъуыдымæ гæсгæ, ацы политикæйы мидис ахæм у – иу геополитикон полюсы æлвасынад афтæ тыхджын куы свæййы, цæмæй йæ бон у бæстæйы хæдбардзинад скуынæг кæна, уæд Ереван активон кæны ахастытæ иннæ полюсимæ, кæцыйæн лæвæрд уавæрæн фаг æлвасæн ис, цæмæй суверенитет æмæ хæдбардзинады вазыгджын фæндагыл баланс бахъахъхъæна.

«Ахæм политикæйы сæйраг нысан у суверенитет æмæ хæдбардзинад бахъахъхъæнын æмæ сфидар кæнын.Ацы стратегиты райрæзты рæстæджы мах æрцыдыстæм ахæм хатдзæгмæ, цæмæй конфликтон уавæрты цæргæйæ хæдбардзинад æмæ суверенитет уæвыны гæнæн нæй, æмæ, ацы æгъдауæй, мультиполярондзинад фыццаджы дæр хъуамæ æвдыст æрцæуа уыцы регионы, кæцыйы цæрыс. мах аразæм æхсæнпаддзахадон ахастытæ нæ дыууæ æндæр сыхагимæ – Азербайджан æмæ Туркимæ дæр. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, ноджы конкретондæр кæны ивгъуыд азы 8-æм августы АИШ-ы президент Дональд Трампы фарсылхæцындзинад æмæ хайадистæй нæ æхсæнпаддзахадон ахастытæ байгом кæныныл. «Трампы фæндаг» проект, кæцыйы практикон реализаци бынатыл хъуамæ фæуа тагъд рæстæджы райдайдзæн æввахсдæр мæйты. Уый руаджы фæзындзæн ног транспортон фадæттæ æрмæст скæсæнæй ныгуылæнмæ нæ, фæлæ ма Къаспы денджызæй Зæххастæуы  денджызмæ, фæлæ ма хуссарæй цæгатмæ дæр, Персы бакæлæн Сау денджызимæ иу кæнгæйæ. Афтæмæй регионы алы бæстæйæн дæр уыдзæн пайда, проекты реализацийæ» – банысан кодта Пашинян.

Хуыздæр