Абонæй фæстæмæ цæстдард цæудзæн хæдтулгæтæ куысты рæстæджы цы хъæлæба рауадзынц, уымæ
Абонæй райдайгæйæ, Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады барлæвæрд дæлхайæдтæ фæндагон змæлды уавæрты хæдтулгæты эксплуатацийы фæстиуæгæн сæвзæргæ хъæлæба æмвæзады мониторинг кæндзысты.
Хъæлæсы æмвæзад фæлварæн цæудзæн департаменты æлхæд хæссинаг барæн кусæнгæрзты æмбырдгондæй, кæцытæ æххæст кæнынц æхсæнадæмон стандарт ISO 5130:2019.
Мидхъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, барлæвæрд хъæлæба æмвæзад, кæцы æвзæры хæдтулгæйы эксплуатацийы фæстиуæгæн, регуляцигонд цæуы Гуырдзыстоны хицауады æмбæлон уынаффæйæ.
Указмæ гæсгæ, цæрæг бынæтты æхсæвыгон — 23:00 сахатæй 8:00 сахаты онг — хæдтулгæйы змæлды рæстæджы хъæлæба хъуамæ ма уа 80 децибелæй фылдæр.
Гуырдзыстоны административон фæткхалæнты кодексмæ гæсгæ, ахæм хæдтулгæйы скъæрын, кæцыйы эксплуатацийы рæстæджы хъæлæба æмвæзад закононæй снысангонд арæнæй фылдæр у, 100 ларийы бæрц ивар æмæ шофыры барлæвæрдæй 10 пунктæй ист æрцæудзæн.
Фæлхатгæ фыдракæнд æркæндзæн 200 ларийы ивар æмæ 20 баллы æфтиагæй.
Æртыккаг æмæ алы фæдылдзог фыдракæнды тыххæй дæр ивар уыдзæн 300 ларийы æмæ 30 баллы æфтиаг.