Никол Пашинян - Мæнмæ гæсгæ, Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны ахастытæ геополитикъон æндæвдадыл бындурæвæрд ма хъуамæ уа- [видео]

Сомихыстоны  ногæвзæрст  пермье-министр Никол Пашинян  хъуыды кæны,  цæмæй  Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны  æхсæн ахастытæ фылдæр хъуамæ фæарфдæр уа.

Гуырдзыстон-Сомихыстоны  ахастыты фæдыл,  Никол Пашинян  Фыццаг Къаналимæ  эксклюзивон   интервьюйы  фæныхас кодта.

Сомихыстоны  премьер хъусын кæны, Гуырдзыстоны  æмæ Сомихыстоны   æфсымæрон   ахастытæ  хъуамæ   рапархат уа, уымæн æмæ мах стæм  æфсымæрон бæстæтæ стæм  æмæ   тынг хæстæг партнертæ.  Нæ партийы  программæйы   Гуырдзыстонæн  скуыддзаггæнæгнысаниуæг ис  Сомихыстонæн.

Мæнмæ гæсгæ,  нæ  ахастытæ  гео-политикъон  æндæвдадыл бындурæвæрд ма хъуамæ уа.  Хаттæйхатт  мах   ахастытæм  æндавынц геополитикъон   фактортæ  æмæ хъыгагæн, ацы  факторты  æндæвдад  алыхатт позитивон нæ вæййы.  Хаттæй-хатт нæм  вæййы  негатив дæр» –  райхъусын кодта  Никол Пашинян.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ,   Гуырдызстон æмæ Сомихыстон  ахæм ахастытæ  хъуамæ æрфидар кæной,   кæцы геополитикъон  фактортæй  уæгъдибар уыдзæн.

«Мæнмæ гæсгæ  ахæм ахастытæ  хъуамæ æрфидар кæнæм, кæцы  геополитикъон фактортæй  уæгъдибар уыдзæн. Сомихыстон æмæ Гуырдзыстонæн кæддæриддæр  хъуамæ  уа  дыууæфарсон  комкоммæ   ахастытæ  æмæ   хъуамæ фæарфдæр кæнæм  æмкуысткæнынад   алы  сферæйы,   куыд  экономикон, афтæ  геополитикон  сферæты æмæ адæймæгты  æхсæн  ахастытæ дæр хъуамæ  фæарфдæр уа»-  загъта Никол Пашинян  Фыццаг Къаналæн.