Никол Пашинян Гиорги Квирикашвилийы Сомихыстонмæ фæхуыдта æмæ ныфс æвæры ома ахæм хуынд райсдзæн Гуырдзыстонæй дæр
Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян гуырдзиаг коллегæ Гиорги Квирикашвилийы Сомихыстонмæ фæхуыдта æмæ ныфс æвæры ома ахæм хуынд райсдзæн Гуырдзыстонæй дæр.
Уый фæдыл Никол Пашинян Фыццаг Къаналæн эксклюзивон интервьюйы рæстæджы загъта.
«Цæй зæгъын æй хъæуы æз ныццæудзынæн Гуырдзыстонмæ, куыд гæнæн ис афтæ тагъд. Афтæдæр хонын Гуырдзыстоны премьер-министры Сомихыстонмæ. Ныфс мæ ис, ахæм хуынд райсдзынæн Гуырдзыстонæй дæр» – расидтис Никол Пашинян.
Гуырдзыстон-Сомихыстоны ахастыты тыххæй та, Никол Пашинян хъуыды кæны, цæмæй бæстæты æхсæн æмкуысткæнынад, алы сферæйы дæр хъуамæ фæарфдæр уа. Афтæма Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны ахастытæ зæгъгæ æнцойæвæрд ма хъуамæ уой геополитикъон æндæвдадыл.
«Гуырдзыстон у хæлар паддзахад. Гуырдзыстоны æмæ Сомихыстоны ахастытæ хъуамæ рапарахат уа, уымæн æмæ мах стæм æфсымæрон бæстæтæ æмæ хæстæг партнертæ. Нæ партийы программæйы Гуырдзыстонæн ис скуыддзаггæнæг нысаниуæг Сомихыстонæн.
Мæнмæ гæсгæ, нæ ахастытæ гео-политикъон æндæвдадыл бындурæвæрд ма хъуамæ уа. Хаттæйхатт мах ахастытæм æндавынц геополитикъон фактортæ æмæ хъыгагæн, ацы факторты æндæвдад алыхатт позитивон нæ вæййы. Хаттæй-хатт нæм вæййы негатив дæр» – райхъусын кодта Никол Пашинян.
Мæнмæ гæсгæ ахæм ахастытæ хъуамæ æрфидар кæнæм, кæцы геополитикъон фактортæй уæгъдибар уыдзæн. Сомихыстон æмæ Гуырдзыстонæн кæддæриддæр хъуамæ уа дыууæфарсон комкоммæ ахастытæ æмæ хъуамæ фæарфдæр кæнæм æмкуысткæнынад алы сферæйы, куыд экономикон, афтæ геополитикон сферæты æмæ адæймæгты æхсæн ахастытæ дæр хъуамæ фæарфдæр уа» – загъта Никол Пашинян Фыццаг Къаналæн.
Сомихыстоны премьер-министримæ Фыццаг Къаналы эксклюзивон интервьюйы æххæст версийы фендзыстут «Моамбейы» 21:00 сахаты рауагъды.