Никол Пашинян – Æхсæнадæмон дзыллæ раздæхт формулæйы æрдæм, ома Сомихыстон æмæ Азербайджан нымадмæ райсой кæрæдзийы территорион æнæхъæндзинад
Ныфс мæ ис, цæмæй куыд гæнæн ис афтæ тагъд æрцæудзыстæм Азербайджанимæ сабырдзинады фæдыл бадзырды текстыл разыдзинадмæ æмæ йæ бафысдзыстæм, – уый фæдыл Сомихыстоны премьер-министр Никол Пашинян абон уагъд пресс-конференцийыл райхуъсын кодта. Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ регионы уавæр ныттынггонд у.
«Æхсæнадæмон дзыллæйы хъуыды, бонæй бон фылдæр фæкъул кæны уыцы формулæйы æрдæм, кæцымæ гæсгæ дæр Сомихыстон æмæ Азербайджан æнæуæлдай домæнтæй хъуамæ нымадмæ райсой кæрæдзийы территорион æнæхъæндзинад – 29800 кв.км æм 86 600 кв км фæлгæттæм æмбæлгæйæ, Уæлхох Карабахы сомихæгты барты æмæ æдадсзинад сифтонг кæныны алыварс Баку æмæ Степанакерты æхсæн бынат хъуамæ уа диалогæн», – райхъусын кодта Сомихыстоны премьер-министр.
Пашиняны дзырдæй, зæгъгæ Степанакерт-Бакуйы диалог сифтонг кæныны æхсæнадæмон механизмтæ иттæг нысаниуæгджын сты.
«Уыимæ иумæ, уырнæг дæн, цæмæй Сомихыстоны æдасдзинад сифтонг кæныны стратегион гаранти у сабырдзинад, кæцы гæнæн ис алы сыхагимæ ахастытæ срегулир кæнынæй. Уый нæу æнцон процесс, фæлæ уый у нæ адæмы цы хъæуы æмæ цæмæ æнхъæлмæ кæсы уый», – райхъусын кодта Пашинян.
Бакой уын кæндзыстæм, Сомихыстоны æмæ Азербайджаны фæсарæн хъуыддæгты министрты Вашингтоны уагъд фембæлды фæстæ, Сомихыстон Азербайджанæн арвыста сабырадон бадзырды дыккаг редакци æмæ ныр Бакуйы дзуаппмæ æнхъæлмæ кæсы.