Никол Пашинян - Абхазы, «Хуссар Ирыстоны» æмæ Уæлхох Къарабахы конфликттæ хъауджыдæргонд сты
Сомихыстоны премьер-министр, Никол Пашинян хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ Абхазы, «Хуссар Ирыстоны» æмæ Уæлхох Къарабахы конфликттæ хъауджыдæргонд ст ы. Ацы фæидиуæны Никол Пашинян сомихаг дипломатиимæ фембæлды рæстæджы сарызта.
Премьер-министры дзырдæй, æхсæнадæмон дзыллæ «Хуссар Ирыстоны» Аюхазы, Днестргæрон æмæ Къарабахы конфликтты æмхуызон кæны, кæцыйы Пашинян нымайы проблемæйæ.
«Æнæмæнгхъæугæ у ацы фарстаты æхсæн æгæрон хъауджыдæрдзинад равдисын. Мах дырысæй бæлвырд кæнæм, цæмæй дæнцæн «Хуссар Ирытсоны « æмæ Абхазы цæрджытæн абон дæр сæ бон у Гуырдзыстоны сæйраг сахар – Тбилисмæ ныццæуын æмæ бынæттон базарты хъæууон-хæдзарадон продукт ауæй кæнын, хъæугæ продукты балхæнын æмæ уый фæстæ «Хуссар Ирыстон» æмæ Абхазмæ æрыздæхын.
Уæрæсейы æмбæстагæн та Бакуйы аэропортæй фæстæмæ аздахынц æрмæст уыцы æфсонæй, цæмæй уый сомихаг мыггагæй у. Хаттæйхатт ацы цау хуыздæр амонæг у Къарабахы фарстайыл, бирæсахатон лекцийæ хаъуджыйæ» – райхъусын кодта Никол Пашинян.