Никол Пашинян - Абхазы, «Хуссар Ирыстоны» æмæ Уæлхох Къарабахы  конфликттæ хъауджыдæргонд сты
Никол Пашинян - Абхазы, «Хуссар Ирыстоны» æмæ Уæлхох Къарабахы конфликттæ хъауджыдæргонд сты

Сомихыстоны  премьер-министр, Никол Пашинян  хъусын кæны, цæмæй  зæгъгæ Абхазы, «Хуссар Ирыстоны» æмæ Уæлхох Къарабахы  конфликттæ хъауджыдæргонд ст ы.  Ацы фæидиуæны  Никол Пашинян  сомихаг  дипломатиимæ  фембæлды рæстæджы сарызта.

Премьер-министры дзырдæй,   æхсæнадæмон  дзыллæ «Хуссар Ирыстоны» Аюхазы, Днестргæрон æмæ Къарабахы конфликтты  æмхуызон кæны, кæцыйы Пашинян нымайы проблемæйæ.

«Æнæмæнгхъæугæ у ацы фарстаты æхсæн   æгæрон  хъауджыдæрдзинад  равдисын.  Мах дырысæй бæлвырд кæнæм, цæмæй дæнцæн  «Хуссар Ирытсоны « æмæ Абхазы   цæрджытæн абон дæр сæ бон у  Гуырдзыстоны  сæйраг сахар – Тбилисмæ ныццæуын  æмæ  бынæттон базарты  хъæууон-хæдзарадон  продукт ауæй кæнын,  хъæугæ продукты  балхæнын æмæ  уый фæстæ «Хуссар Ирыстон» æмæ Абхазмæ æрыздæхын.

Уæрæсейы æмбæстагæн та Бакуйы  аэропортæй  фæстæмæ  аздахынц  æрмæст уыцы æфсонæй,  цæмæй  уый сомихаг мыггагæй  у. Хаттæйхатт  ацы  цау  хуыздæр амонæг у  Къарабахы  фарстайыл,  бирæсахатон лекцийæ  хаъуджыйæ» – райхъусын кодта Никол Пашинян.