Никол Пашинян 27 официалон визитæй Мæскуымæ фæуазæг уыдзæн
Никол Пашинян  27 официалон визитæй  Мæскуымæ  фæуазæг уыдзæн

Сомихыстоны  премьер-министры хæстæ æххæстгæнæг  Никол Пашинян  27 декабры  официалон визитæй  Мæскуымæ  фæуазæг уыдзæн.

Сомихыстоны   премьеры аппараты   информацийæ,  Никол Пашинян  Владимир Путинимæ  фембæлдзæн,   касты сæйраг темæ уыдзæн   дыууæфарсон ахастытæ.

Сомихыстоны   æмгъуыдагъоммæ   парламентон æвзæрстытæ   9 декабры  ацыдысты.   ХЪæлæсты  70, 43  процентæй   премьер-министры  хæстæ  æххæстгæнæджы,  Никол пашиняны  блокъ  «Мæ  къахдзæф»  фæуæлахиз ис.