Ника Мелиайы хъуыддагыл Тбилисы сахарон тæрхондон абон, 14:00 сахатыл стæрхон кæндзæн
Ника Мелиайы хъуыддагыл Тбилисы сахарон тæрхондон абон, 14:00 сахатыл стæрхон кæндзæн. Уый тыххæй Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн сахарон тæрхондонæй фехъусын кодтой.
Мелиайæн æфхæрды мадзал рахæссыны хъуыддаг æркæсдзæн тæрхонгæнæг Темур Гогохиа.
Генералон прокуратурæ Ника Мелиайæн æфхæрды мадзал раттыны куырдиатæй сахарон тæрхондонмæ абон басидтис. Прокуратурæ Мелиайæн æфхæрды мадзалæй, ахст раттын домы.
Уымæй дарддæр ма Гуырдзыстоны парламент знон сразы ис цæмæй прокуратурæ тæрхондонмæ баздæха Ника Мелиайы æрцахсыны куырдиатæй.
Гуырдзыстны генералон прокуратурæ æмæ мидхъуыддæгты министрады централон криминалон полицийы департамент, уадзы фæдагуырд 2019 азы 20-21 июны, парламенты раз ацæугæ акцийыл къордон тыхмидзинады организацийы, къухдариуæг кæнын æмæ уым хайад райсыны фактыл, Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 225-æм статийæ.Фæнысангонд фæдæвзарæны фæлгæтты, Гуырдзыстоны парламенты уæнгы Никанор Мелиайы æрдæм рабæрæг ис тугтæрхоны барады кодексæй зæрдылдард фыдракæнды нысæнттæ. Акцийы цыды рæстæджы къордон тыхмидзинады къуыхдариуæгкæныны æмæ уым хайад райсты тыххæй, Никанор Мелиайы æрдæм, рахастæуыд зылынгæнæг уагæвæрд Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 225-æм статийы фыццаг æмæ дыккаг хæйттæм гæсгæ. Никанор Мелиамæ райсоммæ фæсидтысты Гуырдзыстоны генералон проуратурæмæ уымæн аххосаг бавдисыны нысанæй. Генералон прокуратурæ, Гуырдзыстоны парламенты регламентмæ æмбæлгæйæ, ныридæгæн фехъусын кодта закъондæттæг органæн парламенты уæнгы тугтæрхоны барады дзуаппмæ раттыны тыххæй, æмæ йæм басидтис, зылынмæ лæвæрды æрдæм ахстæй æфхæрд æрдомынæн, барлæвæрд раттыны куырдиатæй.