Парламенты бацæуæны раз, цы ран «Националони Змæлды» сæрдар Ника Мелиайæн депутатон иммунитет æрурæды фарстыл уынаффæ кæнынц, цæуы акци. Протестон æмбырд райдыдтой «Змæлд Гуырдзыстонæны» уæнгтæ. Уыдон парламентмæ символонæй телтæй æмбондтæ бахастой.
Бынатыл сты Ника Мелиайы адвокаттæ, Димитри Садзаглишвили, Бека Басилаиа æмæ Гиорги Кондахашвили. Уыдон домынц, цæмæй сын бæстыхаймæ бацæуыны бар раттой. Афтæма парламенты сæрдармæ бавдыстой куырдиат пропусктæ раттыны фæдыл, цæмæй сæм уа фадат мидæмæ бацæуын æмæ прокуррорæн фарстытæ сывæрын.
Акцийы хайадисджытæ архайынц, парламенты бæстыхаймæ хæдтулгæты бацæуæн фæкуылымпы кæнын, фæлæ баынатыл æрымбырдуæвæг барадхъахъхъæнджытæ сын уый фадат нæ дæттынц.