Ника Мелиа хъусын кæны, цæмæй радон акци Руставелийы проспектыл сабаты ацæудзæн
«Националон Змæлды» иуæй-иу лидер Ника Мелиа акцийы хайадисджытæм æрсидтис, цæмæй сабаты 15:00 сахатыл, парламенты бæстыхайы цур фæстæмæ æрымбырд уой.
Ника Мелиа парламенты цур цæугæ акцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы куыд райхъусын кодта афтæмæй, хицауадмæ ма æрмæст тыхмидзинады хъомад баззад. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, тыхмидзинадæй куы ничи тæрсы, уый сбæлвырд кодтой акцийы хайадисджытæ.
Ника Мелиайы дзырдæй, тох нæ фæсындæг уыдзæн нæ фæлæудзæн æмæ дарддæр кæндзæн.
«Бирæ протетсон акци цæуы æндæр æмæ æндæр рæтты æрвылбойнонæй, фæлæ мæнмæ гæсгæ, коллегæтимæ иумæ, ома Руставелийы проспектыл мах ноджы иу хатт хъуамæ æрымбырд уæм стыр бæрцæй. Къобахидзе-Иванишвили дзурынц авд мин дам стут æмæ мах та стæм ам æппæт бæстæйæ. Уый тыххæй æнхъæлын, цæмæй ацы проспект сабаты хъуамæ байдзаг уа, 15:00 сахатыл æмæ байдзаг уыдзæн æнæмæнгæй. Уымæй импульс уыдзæн нæ тохæн дæр. Фæлæ сабаты онг алчи тох кæндзыстæм алы къуымæй. Быхсгæйæ хъуамæ уæм, мах стæм историйы раст æрдгæй. Ам лæуут сымах æмæ ма бирæтæ æрлæудзысты ноджы, фæлæ ма хъуамæ раттæм фадат макæмæн, цæмй ацы равг исты арæнæвæрдæй, цыфæнды æлхъывдæй банцайын кæной. Истори фыстæуы ам, ам арызт цæуы ног Гуырдзыстон, мах стæм уый æппæт сфæлдисæг, хуымæтæг процессты хайадисджытæ не стæм» – райхъусын кодта Ника Мелиа.