Ника Мелиа - Аст сахатмæ Иванишвили йæ кууыстæй раппарæт Тамар Жваниайы æмæ стæй цæттæ стæм, фембæлынмæ ног æвзæрстытæ ауадзыны фæдыл
Аст сахатмæ Иванишвили йæ куыстæй сисæт Тамар Жваниайы æмæ цæттæ стæм, фембæлæм Иванишвилиимæ ног æвзæрстытæ ауадзыны тыххæй – уый фæдыл парламенты раз цæугæ акцийыл, «Националон Змæлды» Глданы мижоритартæм кандидат Ника Мелиа райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ «Фæстæмæ алæууынæн фæндаг æхгæд у».
«Изæры аст сахатмæ ахъуыды кæнæт Иванишвили, йæ куыстæй сисæт Жваниайы, æвзæрстыты фалсификацигæнæгы æмæ уæ номæй, оппозицийы минæвæрттæ цæттæ стæм, фембæлæм Иванишвилиимæ ног æвзæрстытæ ауадзыны фæдыл. Иванишвили, Гуырдзыстон у ацы адæм, Гуырдзыстон æрмæст ды нæ дæ. Ды дæ узурпатор æмæ узурпатор та ацæудзæн, æмæ кæд нæ ацæудзæн, уæд уæ ауадздзыстæм, фæстæмæ фæндæгтæ æхгæд сты. Алцыппæт уыдзæн , фарс, фæлывдмидзинад æмæ гæдыдзинад, кæд æмæ фæтæрсдзыстæм, уыцы æфхæрдæй, нæ хъæбулты фæныллæг кæнынæй, нæ мæдты, нæ ныйарджыты, кæцыты уый бафхæрын баууæндыд 31 октябры, кæд æмæ йын уый æппæт фæбардзыстæм æмæ ацы тохы размæ нæ ацæудзысты. Аст сахатмæ Иванишвилийæн ис рæстæг. Кæд аскуыддзаг кæндзæн уæд дзæбæх кæнод та уын мах базонын кæндзыстæм нæ скуыддзагы тыххæй, æмæ æнæмæнгæй, сабырæй æмæ хъæддыхæй, ацы бæстæйы уарзондзинадæй архайдзыстæм кæронмæ, фæстаг ныуулæфты онг. Бузныг уын, к кæй стут уый тыххæй, бузныг уын Ацы бæстæйыл уæ зæрдæцавды тыххæй æмæ махы æрдгæй гадзрахатдзинад уыдзæн, сымахæй нæхи куы атигъ кæнæм уый!» – райхъусын кодта Ника Мелиа.