Ника Мелиа - алчи ахизæм æмæ коменданты сахат сфидар кæнæм ЦÆК-ы бæстыхайæн, ничи бацæудзæн уырдæм æмæ ничи рацæудзæн уырдгæй, цалынмæ ног æвзæрстытæ не снысан уыдзысты уæдмæ
«Националон Змæлды» уæнг ника Мелиайы фидиуæнæй, Руставелийы проспектæй протетстон акцийы хайадисджытæ Централон Æвзæрстгæнæн Комиссийы бæстыхайы цурмæ ахиздзысты æмæ æвзарæнон администрацийы бæстыхаймæ никæмæн ратдзысты бацæуын фадат, цалынмæ ногæ взæрстытæ не снысан уыдзысты уæдмæ.
Ника Мелиайы дзырдæй, зæгъгæ аст сахатмæ хицауадмæ уыдис рæстæг, компромиссмæ рацæуын.
«Аст сахатмæ уыд хицауадæн рæстæг копромиссмæ рацæуын. Уыдон рацыдысты контактмæ, сырæзт контакт оппозици æмæ Талакъвадзе æмæ Къобахидзеимæ. Семæ ныхасы рæстæджы фæстаг информаци уыдис, цæмæй чизоны райсом æрнызас кæнæм. Ам æнæхъæн наци куы лæууы уæд, хицауад хæсджын у, махимæ ныхас кæнын. Хицауад, режим, кæцыйыл æууæнк нæй, иунæг ныхас дæр, цæй зæгъынг æй хъæуы цалынмæ фембæлд нæ уыдзæн уæдмæ, махæй иунæг дæр, цыфæнды гипотетон ныфсæвæрды дæр нæ уырны. Инициативæ, рæстдзинад, хъæддыхдзинад, æхсардзинад сты адæмы фарсмæ, историйы раст фарсмæ. Уый тыххæй архайды рæстæг дæр у алцыппæтимæ иумæ, Руставелийы проспектыл протесты равдисынимæ иумæ, райстам скуыддзаг æмæ ацы скуыддзагы ныр хъæуы сæххæст кæнын, ацы тох гæнæн ис уа иубонон, дыууæбонон, æртæбонон, фæлæ уыдзæн æнæаскуынгæ, нæ уыдзæн интервалтæ тохы рæстæджы, кæнæ та адæм иууылдæр уыдзæн æддæйæ, алы горæты, алы регионы. Мах ныр алчи иумæ чи стæм, æмæ тынг бирæйæ стæм, хъуамæ ахизæм æмæ баззайæм, коменданты сахат сфидар кæнæм ЦÆК-ы бæстыхайæн, ничи бацæудзæн уырдæм, æмæ ничи рацæудзæн, цалынмæ не снысан уыдзысты ног æвзæрстытæ, уым лæудзыстæм алчидæр» – райхъусын кодта Ника Мелиа.