Ника Гварамийæн стæрхон кодтой 12 боны административон ахст
Ника Гварамийæн стæрхон кодтой 12 боны административон ахст

Тбилисы горæтон тæрхондон «Коалици ивæндзинады» лидер Ника Гварамиайæн 12 боны административон ахст рахаста.

Тæрхонгæнæг Коба Чагунава рахаста уынаффæ.

Цыппæрæм декабры Ника Гварамиайы партион офисы административон фæткхалды кодексы 166 æмæ 173 статьямæ гæсгæ æрцахстой, кæцытæ лыстæг хулиганизм æмæ полицийы кусæджы законон куырдиатмæ æнæкоммæгæсдзинады тыххæй дзурынц.

Барадхъахъæнджытæ «Дроайы» офисы басгæрстой, офисы цур Ника Гварамиа æмæ полицийы æхсæн ныхмæлæуд сырæзт, цæй фæстæ дæр Гварамиайы барадхъахъæнджытæ æрцахстой.