Нидерландты хицауад Kaspersky-ы программæтæй пайдакæныныл нæзагъд кæны

Нидерландты  хицауад  Kaspersky-ы программæтæй  пайдакæныныл  нæзагъд кæны.  Уый фæдыл  информацийы  агентад Reuters, хæлиу кæны   Нидерландты  юстицийы  министры  фыстæгыл  æнцойæ, кæцыйы  Фердинанд  Граперхаус  арвыста  парламентмæ.

Министр  куыд банысан кодта афтæмæй,   уый  саразын бахъуыд  «æдасдзинад бахъахъхъæнынæн».  Граперхаус  дзуры,  цæмæй   Уæрæсейы  хицауад  кибербырстытæн  арызт  программæйæ  пайда кæныы,  кæцыйы   мысан у  Нидерландтæ дæр.  Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, «Kaspersky Lab»  регистрацигонд у  Уæрæсейы, уый тыххæй  дæр гæнæн ис   Уæрæсейы  хицауады  уæлæндæвды  бын уа.

Уымæй  размæ  уырыссаг  компанийы   программæтæй пайдакныныл  нæзагъд ракодтой АИШ-ы,  Стыр Британийы,   Украинæйы æмæ Литвæйы  хицауадтæ.  Ацы бæстæты  хъуыды  кæнынц, цæмæй Kaspersky-ы   продукттæй  пайда кæнын,  Уæрæсейæн зæгъгæ  йæ  бон у  шпионажы  нысанæй.