Немыцаг фарс иуæй-иу гуырдзиаг æфсæддоны æнæниздзинады уавæры тыххæй Афгъанистанæй Тбилисмæ æрласта
Германийы уæлдæфон тыхты хæдтæхæг Airbus A 400M-æй, Мазари Шарифы базæйæ, æнæниздзинады уавæры тыххæй, гуырдзиаг æфсæддоны Тбилисмæ æрластой. Уый фæдыл информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны Германийы минæварад.
Сæ хъусинагæй, æфсæддон, гуырдзиаг контингентимæ иумæ афгъанистаны цæгаты, миссийы æххæсткæнынмæ уыд, кæцы рæстæджы дæр уæззау фæрынчын ис.
«Йæ низ баст нæу ковидинфекциимæ, фæлæ уый йас серьозон у, цæмæй æнæмæнгхъæугæ баис йæ Гуырдзыстонмæ æрласын. Гуырдзиаг æфсæддæт нырид фондз аз у, немыцаг æфсæддæттимæ иумæ НАТО-йы операцийы Resolute Support –ы фæлгæтты, Цæгат Афгъанистаны æххæст кæнынц сабырадон мисси. Рынчын кæнæ цæф æфсæддæтты фыдыбæстæмæ æрыздахын у Resolute Support-ы фæлгæтты æмкуысткæнынады гуырдзиаг-немыцаг бадзырды хай»,- банысангонд у минæварады информацийы.