NDI-ы президент – Гуырдзыстонæн ис шанс, регионы демокративон лидеры позици æрфидардæр кæнын
Октябры парламентон æвзæрстыты æрбаввахсыимæ иумæ, Гуырдзыстонмæ лæвæрд цæуы, регионы демокративон лидеры позицийы сфидар кæныны шанс – уый фæдыл «Националон-Демокративон Институты» президент, Дерек Митчелл Гуырдзыстонмæ визиты фæуды фæстæ райхъусын кодта.
«Ацы нысаниуæгджын азы æмæ фидæны дæр, «Эндиай» адарддæр кæндзæн гуырдзиаг демократийæн æххуыс» – банысан кодта Дерек Мтчелл.
Дерек Митчелл Гуырдзыстоны уыд 24-26 февралы. Ацы визит Гуырдзыстонмæ уымæн уыд фыццаг.
Бæстæйы демократийы райрæзты æмæ «Эндиайы» программæтыл ныхас кæнынмæ уый Тбилис æмæ Марнеулмæ ныццыд.
Организацийы хъусинагæй, æртæбонон визиты фæлгæтты, Митччел фембæлдис премьер-министримæ, президентимæ, парламенты сæрдаримæ, парламентартмæ, хицаугæнæг партийы æмæ оппозицион партиты сæрдæрттимæ, афтæдæр æмбæстагонд æхсæнады лидертимæ, мэртимæ æмæ сакребулоты уæнгтимæ, ЦÆК-ы сæрдаримæ, сылгоймаг политиктимæ, æвзонг лидертимæ æмæ дипломативон дзыллæйы минæвæрттимæ.
«NDI» афрæгæнæг у уыдонæй цы рæстæг рауæлдай кодтой æмæ хъуыдытæ кæй фæхай кодтой уый тыххæй. Фембæлдты сæйраг темæ уыд æвзæрстыты агъоммæ уавæр æмæ Гуырдзыстоны NDI куыст. «Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг хæлæрттæ, сæ нымæцы NDI, æвзæрстытæм бацæттæйы процессмæ лæмбынæг хъус дардзысты» -райхъусын кодта Митчелл.
«Нысаниуæгджын у, цæмæй æхсæнадмæ æвзарæнон процесст æрдæм æууæнк уа. Уый сифтонг кæнынæн æнæмæнгхъæугæ уыдзæн: Бæстæйы æвзарæнон системæимæ баст афойнадон æмæ уæрæх консессусмæ æрцæуын; кандидатты æмæ партиты бартæ бахъахъхъæнын. Цæмæй сæ бон бауа политикон æлхъывд цухæй æвзæрстыты хайад райсын; Æнæхицауадон организациты куыст, æмбырды æмæ хъуыдыты сæрибартæ хъахъхъæнын№ политикон процессты сылгоймæгты æдас æмæ æмбсæр хайад райсын; фæсивæды бастдзинадæн хъæугæ конструктивон уавæртæ сæвзæрын кæнын æмæ политикон поляризацийæ хи аиуварс кæнын, кæцы тæссаг у националон иудзинадæн æмæ æддаг æнæлиберал тыхты æндæвдад тыхджындæр кæны» дзырдæуы Националон-Демокративон Институты ахæлиугонд куырдиаты.