«NDI»-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, респондентты 41 проценты разы сты коронавирусы ныхмæ вакцинациимæ, афтæдæр 41 проценты та  вакцинаци ацæуын нæ разы кæнынц
«NDI»-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, респондентты 41 проценты разы сты коронавирусы ныхмæ вакцинациимæ, афтæдæр 41 проценты та вакцинаци ацæуын нæ разы кæнынц

«Националон-Демокративон Институты» (NDI) иртасæнмæ гæсгæйæ,   пандемиимæ баст  æнхъæлцытæн аргълæвæрды рæстæджы, респондентты  33  процент  хъуыды кæнынц, цæмæй  сегасдæр  стыр фыдбылызæй  бæстæ нырид  фервæзтис, 39 проценты æнхъæлынц, цæмæй  сегасдæр стыр фыд рæстæг нырма   не рлæууыд  æмæ æрмæст 6 процент  хъуыды кæны, цæмæй коронавирус нæу  стыр проблемæ,22  проценты  роаттой  дзуапп – «нæ зонын» зæгъгæ.

Фарстыл  коронавирусы ныхмæ вакцинæ/æфтауæн хос  куы  уайид зæгъгæ,  вакцинаци саразиккат  æви нæ  уæхи æмæ уæ хъæбултæн, 41 процент  хъусын кæнынц, цæмæй  уойæ зæгъгæ, афтæма 41 проценты  дзуапп цæмæй  нæйы зæгъгæ, 17 проценты банысан кодтой  цæмæй  «нæ зонынц».

Банысан кæнинаг у, цæмæй  вакцинæмæ гæсгæ  чысыл ивд æрцыд  æхсæнады ахаст  июнимæ абаргæйæ.

Сæрмагондæй та,  уыцы адæймæгты нымæц, чидæриддæр разы  у  вакцинаци ацæуын, 38%-æй 41-ы онг фæфылдæр ис, æрмæст уыдоны нымæц та  кæцы  нæ разы кæнынц, 46%-æй 41%-ы онг фæкаддæрис.

«NDI»-ы иртасджытæ  афтæдæр дзурынц, цæмæй  сæ информацийæ,  зæгъгæ нæлгоймæгтæ   фылдæр цæттæ сты  вакцинацимæ  сылгоймæгтимæ абаргæйæ,   ахуыргонд  адæймæгтæ  афтæдæр фылдæрæй разы  сты вакцинаци ацæуын,  астæуккагæй ныллæгдæр ахуыр чи у  уыдонимæ абаргæйæ.

«NDI»-ы информацийæ,  иртасæн  2020 азы  17-24 декабры периоды  Гуырдзыстоны масштабæй, 2053 телефонон интервьюйы  минæварадон  равзæрстыл æнцойæ, бæстæйы  æххæстаздзыд  цæрджыты æхсæн  ацыд (оккупацигонд территоритæй цух).  Рафарсты  астæуккаг  рæдыды  арæн у  ±1.1 процент. Респондентты  сæмбæлгæ номыртæм дзырды методæй равзæрстой.