«NDI»-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, институтты куыстæе æппæрццаг аргълæвæрды сеппæтæй бæрзонд бæрæггæнæн, парламентмæ ис.
Националон-Демокративон Институты (NDI) æмæ «Кавказы иртасаг ресурсты центр (CRRC) Гуырдзыстоны» публикацигонд иртасæнмæ гæсгæйæ, институтты куысты æппæрццаг аргълæвæрды сеппæтæй бæрзонд бæрæггæнæн ис парламентмæ.
Иртасæнмæ гæсгæйæ, рафарстгондты 32 процент парламенты куыстæн æппæрццаг аргъ дæттынц,æрмæст 10 процент та тынг æвзæр. Рафарстгондты 39 процент хъуыды кæнынц, цæмæй закъондæттæг оргæн рæстæмбис куыст кæны. Ноджы 8 процент хъуыды кæнынц, цæмæй парламент æвæрццаг куыст кæны.
Иртасæн цыд 13-29 июлы периоды, Гуырдзыстоны масштабæй (оккупиргонд территоритæй цух), 2,131 комкоммæ интервьюйы бæрнонадон равзаргæйæ.Рæдыд гæнæн ис уа +/- 2-3 проценты. NDI-ы иртасæнтæ æххæст цæуынц Стыр Британийы хицауады UK aid-ы финансон æххуысæй. Рафарст уадзы CRRC-Гуырдзыстон.