«NDI»-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны Евроцæдисы уæнгсуæвынимæ разы сты респондентты 80%, æрмæст НАТО-йы уæнгсуæвынимæ та 74 проценты
«NDI»-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны фæстæмæ бæрзонд у Евроцæдис æмæ НАТО-мæ интеграцийы æнцой.
Фарстыл, зæгъгæ райсгæ у æви нæ Гуырдзыстоны хицауады æвдыст нысан, Гуырдзыстон суа Евроцæдисы уæнг, 2020 июнимæ абаргæйæ, цыппар процентæй 76-80 проценты онг райрæзтис уыцы респондентты нымæц, кæцытæ райсинагыл нымайынц бæстæйы æвдыст нысан, Евроцæдисы уæнгдзинад. Евроцæдисы уæнгдзинады фæндон нæрайсгæй у-12 процентæн, нæ зонынц –аст проценты.
2020 азы июнимæ абаргæйæ 69 процентæй 74 проценты онг фæфылдæр ис НАТО-йы уæнгсуæвыны фарсхæцджыты нымæц. Фарстыл зæгъгæ райсинаг у æви нæ Гуырдзыстоны хицауады æвдыст нысан, Гуырдзыстон суа НАТО-йы уæнг, райсинагыл нымайынц 74 процент, нæрайсгæйæ кæсы 16 процентмæ, нæ зонынц фараст процент.
«NDI»-ы информацийæ, иртасæн 2020 азы 17-24 декабры периоды Гуырдзыстоны масштабæй, 2053 телефонон интервьюйы минæварадон равзæрстыл æнцойæ, бæстæйы æххæстаздзыд цæрджыты æхсæн ацыд (оккупацигонд территоритæй цух). Рафарсты астæуккаг рæдыды арæн у ±1.1 процент. Респондентты сæмбæлгæ номыртæм дзырды методæй равзæрстой.