Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыд Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл  куырдиаты  фарстаты  анкет
Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыд Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл куырдиаты фарстаты анкет

Сыхагон æмæ ауæрæхы фарстаты  еврокомиссар Оливер Вархей, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр   ИлиаДарчиашвилийæн,  Евроцæдисы уæнгсуæвыны куырдиаты фæдыл  фарстаты анкет алæвæрдта.

Анкеты  алæвæрды  церемони ацыд  Люксембурджы.

Гуырдзыстонимæ иумæ  анкет лæвæрд уыд  Молдовæмæ дæр.

Бакой уын кæндзыстæм, цæугæ азы 2 марты  парти  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  сæрдар Ираклий Къобахиздзе   райхъусын кодта, цæмæй  «Гуырдзиаг Бæллиццы»  политикон  бал рахаста уынаффæ,   Евроцæдисы уæнгтæм  кандидаты статус  райсынæн  куырдиат  æнæаргъæвгæйæ  бахастаит.  3 марты  та премьер-министр  Ираклий Гъароибашвили   Гуырдзыстоны Евроцæдисы  уæнгсуæвыны фæдыл  куырдиаты  бафыста.