NDI-ы цæстдарæг делегаци публикаци кæны октябры парламентон æвзæрстытæм бакуыст рекомендацитæ
19-25 февралы Гуырдзыстоны удис Националон-Демократон Институты (NDI) разæвзарæно цæстдарæгон мисси. NDI-ы информацийæ, фæнысангонд делегаци 2024 аы 26 октябры парламентон æвзæрстыты агъоммæ плангонд дыууæ разæвзарæнон миссийæ фыццаг уыдис.
Хыгъдлæвæрды банысангонд у? цæмæй æвзæрстыты онг аст, æрмæст разæвзарæнон кампаниты райдайынмæ æхсæз мæй раздæр æнæиу æвæрццаг тенденци фæбæрæг ис, сæ нымæцы: цæрджыты æрдгæй демократийы, адæймаджы барты æмæ закъоны сæйрагдзинадæн æнæцудгæ фарсдарын, æхсæнады æвæрццаг ахаст пъæлицæймæ, цæрджыты æнкъарæнмæ гæсгæ лыстæг коррупцийы фæкъаддæргонд æмвæз, æромдзинады райрæзты нысанæн хицауадон уынаффæты публикацийы практикæйы ранæуæг æмæ æвзæрстыты бон процессты фæхуыздæры нысанæн инновациты æрфидар. Иурæстæгонæй, ис æвзарæнон процесстимæ баст нысаниуæгджын расидтытæ, кæцыты алыг кæнын хъæуы: поляризаци, æмбæстагон дзыллæйы (уый нымæцы цæстдарæг организациты) ныхмæ уагъд дзырдæй æфхæрын, политикон пайда райсыны нысанæн администрацион ресурстæй намысцух пайда кæныны фæдыл уæвæг зæрдæхсайдтæ æмæ ног æвзарæнон технологиты æрфидаримæ баст фарстатæ.
«Уый Гуырдыстонæн Евроцæдисы кандидаты статус райсты фæстæ фыццаг æвзæрстытæ уыдзæн. Уымæ гæсгæ дæр Гуырдызстоны хицауады æмæ алы æндæр интересджын фарсмæ ис фадат, сбæлвырд кæна инклюзивон, æргом æмæ бæрнон æвзæрстытæм æмæ деомкратон аргъдзинæдтимæ иузæрдыгдзинад», – райхъусын кодта Пер Эклунд Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады раздæры къухдариуæггæнæг.