«NDI» - рафарстгондты 78 процентæн Гуырдзыстоны евроцæдисы уæнгсуæвын райсинаг у, НАТО-йы уæнгсуæвынæн та, йæ фарс хæцынц 71 проценты
«Националон –Демокративон Институты» (NDI) иртасæны фæстиуджытæм гæсгæ, рафарстгондты 78 процент йæ фарс хæцынц Гуырдзыстоны евроцæдисы уæнгсуæвынæн.
Фарстыл- райсинаг у æви нæ Гуырдзыстоны хицауад цы мысан тыххæй райхъусын кодта уый, ома Гуырдзыстон бауа Евроцæдисы уæнг, – рафарстгонд цæрджыты 14 процент дзуапп дæтты цæмæй зæгъгæ нæрайсгæ у, 78 %- разы сты, 8 процент та дзуапп дæттынц, цæмæй нæ зонынц .
Презентацийыл куыд банысан ис афтæмæй, фæстаг периоды Евроцæдисы уæнгсуæвыны фарсхæцджыты æрдгæй стабилондзинад фиксир кæны.
Афтæма, иртасæны фарст НАТО-йы уæнг суæвыны фæдыл дæр уыд. Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвыны фарсхæцынад фæстæмæ фидар æмæ бæрзонд у – 71 процент.
Фарстыл зæгъгæ – райсгæ у æви нæ Гуырдзыстоны хицауад цы мысан тыххæй райхъусын кодта уый, ома Гуырдзыстон бауа НАТО-ы уæнг, рафарстгондты дзуаппытæ ахæм сты: 17% -нæрайсгæ у, 71 процент – разы сты, 11 процент – нæ зонынц.
Иртасæн цыд 13-29 июлы периоды, Гуырдзыстоны масштабæй (оккупиргонд территоритæй цух), 2,131 комкоммæ интервьюйы бæрнонадон равзаргæйæ.
Рæдыд гæнæн ис уа +/- 2-3 проценты.
NDI-ы иртасæнтæ æххæст цæуынц Стыр Британийы хицауады UK aid-ы финансон æххуысæй. Рафарст уадзы CRRC-Гуырдзыстон.