«NDI» - рафарстгонд æмбæстæгты 76 процент нымайынц, цæмæй нысаниуæгджын у, цæмæй æвзæрст политикон партитæ иууылдæр райсой хайад парламенты куысты
«NDI»-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, рафарстгонд æмбæстæгты 76 процент нымайынц, цæмæй зæгъгæ нысаниуæгджын у алы æвзæрст партий райсæт хайад парламенты куысты.
Фарстыл зæгъгæ разы стут æви нæ хъуыдыимæ: Уый тыххæй, цæмæй ног парламент мæхи хуызæн адæймæгты интерестæй архайа, нысаниуæгджын у, алы политикон парти кæрæдзиимæ æмкуыст кæной, 82 процент разы сты ацы хъуыдыимæ, æрмæст чи не сразы ис уыдоны нымæц та у 9%.
Фарстыл – разы стут æви нæ хъуыдыимæ: Уый тыххæй, цæмæй ног парламент мæхи хуызæн адæймæгты интерестæй архайа, нысаниуæгджын у, цæмæй æвзæрст политикон партитæ иууылдæр райсой хайад парламенты куысты – 76% разы сты ацы хуъыдыимæ, æрмæст 13% та не сразы сты. «NDI»-ы иртасæнмæ гæсгæйæ, ацы фарстыл дзуаппыты æхсæн 14 тпроценты сты оппозицийы фарсхæцджытæ. Уыдонæй 65 процент разы сты хъуыдыимæ, цæмæй ахсджиаг у æвзæрст политикон партитæ иууылдæр райсой хайад парламенты куысты.
Кæрæзиимæ æмгуыстады фæдыл фарстыл дзуапп дæттæг оппозицийы фарсхæцджытæй та 80 процент разы сты хъуыдыимæ – «Уый тыххæй, цæмæй ног парламент мæхи хуызæн адæймæгты интерестæй архайа, нысаниуæгджын у цæмæй æвзæрст политикон партитæ иууылдæр райсой хайад парламенты куысты».
«NDI»-ы информацийæ, иртасæн 2020 азы 17-24 декабры периоды Гуырдзыстоны масштабæй, 2053 телефонон интервьюйы минæварадон равзæрстыл æнцойæ, бæстæйы æххæстаздзыд цæрджыты æхсæн ацыд (оккупацигонд территоритæй цух). Рафарсты астæуккаг рæдыды арæн у ±1.1 процент. Респондентты сæмбæлгæ номыртæм дзырды методæй равзæрстой.