NDI – рафарст цæрджыты 53% хицауады куыстæн аргъ кæны куыд астæуккаг
NDI – рафарст цæрджыты  53%  хицауады  куыстæн аргъ  кæны куыд астæуккаг

Националон-Демокративон Институт  (NDI)   рафарсты рæстæджы   респонденттæй  æркуырдта   архайæг хицауады  куыстæ аргъ скæнын.  Рафарст цæрджыты 53%  хицауады куыстæн аргъ  кæны  куыд астæуккаг, 32% æй   хонынц æвзæр,  13%  хорз,  æрмæст  2% та  – фарстыл  дзуапп æппын  нæ  зонынц.

Националон-Демокративон Институт (NDI)    æмæ CRRC – Гуырдзыстон,  медийæн   бавдыста  2017  азы декабры   уагъд  æхсæнадон ахасты   иртасæны фæстиуджыты фыццаг хай.

Иртасæн быдырон  уавæрты  сырæзт 29 ноябрь –  19 декабры онг периоды,  Гуырдзыстоны масштабæй  (оокупацигонд  территориты  цухæй)   2 298  комкоммæ интервьюйы минæварадон  равзæрсты  бындурыл.

NDI-ы  иртасæнтæ  æххæст цæуынц   Стыр Британийы  хицауады  UK aid-ы финансон  æххуысæй. Рафарст  ауадзы  CRRC – Гуырдзыстон.