NDI – рафарст цæрджыты 53% хицауады куыстæн аргъ кæны куыд астæуккаг
Националон-Демокративон Институт (NDI) рафарсты рæстæджы респонденттæй æркуырдта архайæг хицауады куыстæ аргъ скæнын. Рафарст цæрджыты 53% хицауады куыстæн аргъ кæны куыд астæуккаг, 32% æй хонынц æвзæр, 13% хорз, æрмæст 2% та – фарстыл дзуапп æппын нæ зонынц.
Националон-Демокративон Институт (NDI) æмæ CRRC – Гуырдзыстон, медийæн бавдыста 2017 азы декабры уагъд æхсæнадон ахасты иртасæны фæстиуджыты фыццаг хай.
Иртасæн быдырон уавæрты сырæзт 29 ноябрь – 19 декабры онг периоды, Гуырдзыстоны масштабæй (оокупацигонд территориты цухæй) 2 298 комкоммæ интервьюйы минæварадон равзæрсты бындурыл.
NDI-ы иртасæнтæ æххæст цæуынц Стыр Британийы хицауады UK aid-ы финансон æххуысæй. Рафарст ауадзы CRRC – Гуырдзыстон.