NDI- рафарст æмбæстæгты 49% хъуыдымæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон æнæраст æрдæм рæзы, 51 проценты хъуыдымæ гæсгæйæ та бæстæйы демократи нæй
Рафарст æмбæстæгты 49 проценты хъуыдымæ гæсгæйæ, Гуырдзыстон æнæраст æрдæм рæзы, – уый фæдыл дзырдæуы АИШ-ы Националон-Демокративон Институт (NDI)-ы иртасæны.
Рафарст респондентты 23 проценты хъуыды кæнынц, цæмæй бæстæ расты æрдæм рæзы, 19 проценты дзырдæй та Гуырдзыстон бынтон нæ ивы.
Фарстыл зæгъгæ Гуырдзыстоны ныр ис æви нæ демократи зæгъгæ, 51 проценты сдзуапп кодтой, цæмæй сæ хъуыдымæ гæсгæ, демократий нæй. 35 проценрт хъусын кæнынц, цæмæй ис, 13 процент та нæ зонынц.
NDI-ы информацийæ, фæнысангонд иртасæн 13-25 июлы периоды Гуырдзыстоны масштабæй 2,016 телефонон интервьюйы минæварадон равзæрсты бындурыл, бæстæйы æххæстаздзыд цæрджыты æхсæн ацыд (оккупацигонд территоритæй цух). Рафарсты рæдыды астæуккаг барæн у +/- 1.3 процент. Респондентты сæмбæлгæ номырмæ дзырды методæй равзæрстой.