«NDI» иртасæны фæстиуджытæм гæсгæйæ, рафарст респондентты 66% хъуыды кæнынц, цæмæй Гуырдзыстоны экономикон фидардзинад тынг æвзæр у
«Националон Демокративон Институты» (NDI) иртасæны фæстиуджытæм гæсгæйæ, рафарст респондентты 66% хъуыды кæнынц, цæмæй Гуырдзыстоны экономикон фидардзинад тынг æвзæр у.
Афтæма, 31 процент нымайынц, цæмæй экономикон фидардзинад нæ ивы, 4 процент та хъуыды кæнынц, цæмæй Гуырдзыстоны экономикон уавæр æвæрццаг.
Гуырдзыстоны «NDI»-ы офисы къухдариуæггæнæг Лора Торнтон презентацийыл куыд загъта афтæмæй, ацы экономикон уавæр дæр, кæцыйыл бæрн рафарстгондты фылдæр хицауадыл æвæрынц, амоны цæрджыты ахаст уымæ, цæмæй бæстæ æнæраст æрдæм рæзы.
Иртасæны сæйраг акценттæ, растдæр экономика æмæ æнæнизхъахъхъæды рдæм сты здæхт .
Иртасæн цыд 13-29 июлы периоды, Гуырдызстоны масштабæй (оккупацигонд территоритæй цух), 2,131 комкоммæ интервьюйы бæрнонадон равзаргæйæ.
Рæдыд гæнæн ис уа +/- 2-3 проценты.
NDI-ы иртасæнтæ æххæст цæуынц Стыр Британийы хицауады UK aid-ы финансон æххуысæй. Рафарст уадзы CRRC-Гуырдзыстон.