«NDI»- иртасæнмæ гæсгæйæ, рафарстгондты 49 процент нымайынц, цæмæй бæстæ æнæраст æрдæм рæзы
«Националон Демокративон Институты» (NDI) иртасæнмæ гæсгæйæ, рафарст респондентты 49 процент хъуыды кæны, цæмæй бæстæ æнæраст æрдæм рæзы, 30 проценты хъуыдымæ гæсгæ бынтон нæ ивы, 18 процент та нымайынц, цæмæй бæстæ раст æрдæм рæзы.
«Националон Демокративон Институты» куыд банысан кодтой афтæмæй, фæстаг 10 азы дæргъы, Гуырдзыстоны расты æрдæм кæй рæзы, уый дзурæг сеппæтæй ныллæгдæр бæрæггæнæнтæ сфиксир сты.
Иртасæн цыд 13-29 июлы периоды, Гуырдызстоны масштабæй (оккупацигонд территоритæй цух), 2,131 комкоммæ интервьюйы бæрнонадон равзаргæйæ.
Рæдыд гæнæн ис уа +/- 2-3 проценты.
NDI-ы иртасæнтæ æххæст цæуынц Стыр Британийы хицауады UK aid-ы финансон æххуысæй. Рафарст уадзы CRRC-Гуырдзыстон.