NDI – Гуырдзыстоны экономикæйы сегасдæр стыр проблемæйæ нымад цæуы æгуыстдзинад, æнæнизхъахъхъæды сферæйы та, хостыл бæрзонд æргътæ
Националон-Демокративон Институты (NDI) иртасæнмæ гæсгæйæ, фарстыл зæгъгæ цы у ацытæккæ Гуырдзыстоны экономикæйы сегасдæр егъау проблемæ, рафарст æмбæстæгты 59% загътой, цæмæй æгуыстдзинад зæгъгæ.
Рафарст æмбæстæгты 42 процент, экономикæйы сегасдæр стыр проблоемæйæ схуыдтой æргъты рæзт æмæ инфляци. 19 процентæн сеппæтæй стыр проблемæ у мæгуырдзинад. Ларийы фæаслам схуыдтой 17 проценты, 16% та проблемæ у ныллæг мызд. Рафарст æмбæстæгты 12 % экономикæйы сеппæтæй стыр проблемæйæ схуыдтой фидтонтæ. 10 процент та хъуыды кæны, цæмæй проблемæ у коронавирус.
Уыимæ иумæ, зæгъгæ ацытæккæ æнæнизхъахъхъæды системæйы раз уæвæг сегасдæр стыр проблемæйæ, рафарст æмбæстæгты 56% схуыдтой хостыл бæрзонд æргътæ, 25% та хъуыды кæнынц, цæмæй проблемæ у медицинон лæггады, дохтырмæ визиты арг. Коронавирусмæ баст уавæр схуыдтой рафарст æмбæстæгты 18 проценты. Æнæнизхъахъхъæды системæйы сæйраг проблемæйæ 15% æмбæстæгтæ нымайынц дохтырты æмæ медперсоналы профессионализмæй цух. Рынчындæтты æмæ медицинон лæггады рæувадат нæ кæсы рафарст æмбæстæгты 13 процентмæ. Æнæнизхъахъхъæды системæйы проблемæ нæ уынынц рафарст æмбæстæгты 7 процент.