NDI Гуырдзыстоны 26-æм октябры æвзæрстыты тыххæй æхсæнадæмон цæстдарæн мисси райдайы
Националон-демокративон институт Гуырдзыстоны 26-æм октябры парламентон æвзæрстыты фæдыл æхсæнадæмон цæстдарæн мисси райдыдта. Информаци Гуырдзыстоны NDI-йы минæварады пресс-куыстуат парахат кæны.
Сæ хыгъдлæвæрдтæм гæсгæ, делегацийы сконды сты 22 политикон æмæ æмбæстагон лидер, æвзарæнон эксперттæ æмæ регионалон специалисттæ 9 æндæр æмæ æндæр бæстæйæ.
Организацийы информацийæ, делегацийы уæнгтæ баиу уыдзысты æхсæз тематикон бирæазон аналитикмæ, кæцытæ Гуырдзыстоны æвзæрстыты агъоммæйы уавæрмæ цæстдард июлы райдыдтой. Делегацийы къухдариуæг кæндзæн Том Малиновски, АИШ-ы раздæры конгрессмен æмæ демократийы, адæймаджы барты æмæ фæллойы паддзахадон нымæрдары раздæры æххуысгæнæг; Пер Эклунд, Гуырдзыстоны Евроцæдисы делегацийы раздæры къухдариуæггæнæг æмæ NDI-йы президент дохтыр Тамара Кофман Виттес.
Æвзæрстыты фæуды фæстæ, мисси бавдисдзæн уæлæмхас хыгъдлæвæрд хатдзæгтæ æмæ рекомендацитимæ.
«Ай у шанс, Гуырдзыстоны бынат куыд æнтыстджын æмæ фидæнмæ здæхт демократи глобалон аренæйыл фæтыхджындæр кæнæм.
Алы политикон партийы бæрн у равдисын, цæмæй Гуырдзыстон, рæзгæ политикон поляризацимæ æнæкæсгæйæ, дарддæр кæны размæцыд демократийы æрдæм æмæ у карз, плюралистон æмæ æнувыд демократийыл», -расидтис минæвар Эклунд.
NDI бафиппайдта 200 æвзæрсты бæрц дунейы алы регионы. Институт 1992 азæй фæстæмæ Гуырдзыстоны æвзæрстыты цæст дары. NDI æппæтдунеон цæстдарæн мисси Гуырдзыстоны закъондæттынадмæ æмæ æвзæрстыты æхсæнадæмон цæстдарды принципты фæдыл декларацимæ гæсгæ сæххæст кæндзæн.
« NDI -йы æвзарæнон мисси у, æппæтдунеон æмæхсæнады фарсылхæцындзинад равдисын æууæнкджын æвзæрстытæн æмæ Гуырдзыстоны демокративон хицауиуæгæн.
Ацы æвзæрст нысаниуæгджын цау у бæстæйы демокративон фидæнæн, æмæ NDI -йæн стыр кад у Гуырдзыстоны æмбæстæгты фарсмæ лæууын, бæстæйы фидæн сбæлвырд кæнынæн сæ æвзæрст куы саразынц уæд», -расидтис дохтыр Витес.
Цæстдарæн мисси æххæст кæны АИШ-ы æхсæнадæмон размæцыды агентад (USAID) æвзæрстыты æмæ политикон процессты фæтыхджындæр кæныны консорциумы (CEPPS) программæйы фæлгæтты. Гуырдзыстоны 2024-æм азы парламентон æвзæрстыты цæстдард афтæ дæр æххæст кæны Æхсæнадæмон Республикон Институты (IRI) æппæтдунеон цæстдарæг мисси.