NDI – Евроцæдис æмæ НАТО-ы уæнгсуæвын фарсхæцынады æвдисæг фæстаг фондз азы мидæг сеппæтæй бæрзонддæр у
Националон-демокративон итнститут (NDI) æмæ CRRC-Гуырдзыстоны абон публикацигонд иртасæн æвдисы, цæмæй æрджыты сеппæтæй стыр хайы (38 процент) хъуыдымæ гæсгæ, бæстæ æнæраст ардæмадæй рæзы.
Иртасæны куыд у банысангонд афтæмæй, æмбæстæгты аргълæвæрдæй, тæрхонон системæйы, коррупцийы, криминалы, куыст бынæтты, мæгуырдзианды, территорион æнæхъæндзинады æмæ æргъты рæзты æрдгæй уавæр æнæраст æрдæм тынг кæны.
Иртасæны автортæ дзурынц, цæмæй бæрæг фæхуыздæр зыны дзырдты сæрибары æрдгæй, рæувадат медицинон лæккады, евроцæдис æмæ НАТо-мæ интеграцийы, медийы хæдбардзинады æмæ ахуырадмæ гæсгæ.
НАТО æмæ Евроцæдисы уæнгсуæвынæн æххуыс рæзы: Евроцæдисы уæнгдзинадæн, цæрджыты 83 процент хæцынц йæ фарс, НАТО-ы та 78 проценты, кæцы 2013 азы фæстæ сеппæтæй бæрзонддæр уынинаг у.