НАТО-ы парламентон ассамблей рахаста дыууæ резолюци, кæцыйы дзырдæуы Гуырдзыстонæн фарсхæцыны æмæ æххуыс стынг кæныны фæдыл
Мадриды, НАТО-йы парламентон ассамблей райста резолюци, кæцыйы мидæг дзырдæуы Гуырдзыстоны фæдыл.
Бауромыны æмæ хæдиргъæфы инициативæты фæдыл резолюцийы дзырдæуы, цæмæй хъæддых сиды НАТО-ы уæнг бæстæты хицауадтæм æмæ парламенттæм, специалон домæнты пакетты афоныл имплементаци скæной, кæцы ист у 2022 азы саммитыл Босни æмæ Герцоговинæйæн, Гуырдзыстонæн æмæ Молдовæйæн.
Рекзолюцийы номхуындæй «НАТО-ы ног стратегион эрæ», фыст ис, цæмæй бæлвырд кæны, куыд Украинайы, афтæ Гуырдзыстон æмæ Молдовæйы Республикæйы националон суверенитет æмæ территоритон æнæхъæндзинадæн хъæддых фарс хæцын.
«Æмудæй райы НАТО-йы уæнгсуæвыны тыххæй Финлянди æмæ Швецийы хуынд, кæцытæ нырид алы уæнг паддзахады парламенты ратификаци скодтой, кæцы æмтгæй райсгæйæ стынг кæндзæн евроатлантикон æдасдзинад æмæ ноджы иу хатт банысан кæндзæн НАТО-йы гом дуары политикæ æмæ Украина, Гуырдзыстон æмæ Босни-Герцоговинæйы евроатлантикон интеграцийæн æнæцудгæ фарсхæцын.
Хъæддых сиды НАТО-йы уæнг бæстæты хицауадтæм æмæ парламенттæм фарсхæцыны стынг кæнынмæ альянсы партнертæн, Босни-Герцговинайæн, Гуырдзыстон æмæ Молдовæйæн, цæмæй сын баххуыс уой æнæцудгæзинад стынг кæныны, сæ потенциалы райрæзты æмæ политикон хæдбарад бахъахъхъæды. Афтæма стынг кæной Гуырдзыстон æмæ Босни-Герцоговинæйы евроатлантикон интеграцийæн æххуыс», – дзырдæуы резолюцийы тексты.
Афтæма ацы резолюцийы фыст ис: «Хъæддых домы НАТО-ы уæнг бæстæты хицауадтæй æмæ парламенттæй, æргомæй райхъусын кæнæт уый, цæмæй Уæрæсе у террористон бæстæ архайæг хицауады уавæрты».