НАТО-Гуырдзыстоны советы фæлгæтты, 27 марты Брюсселы сырæздзæн фембæлд
НАТО-Гуырдзыстоны советы фæлгæтты, 27 марты Брюсселы сырæздзæн фембæлд – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, Давит Залкалиани райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, НАТО-Гуырдзыстоны советыл, Сау Денджызы æдасдзинады фарстатæ æркæсдзысты.
«Сау Денджыз сындæггай йæхимæ æздахы НАТО-йы хъусдард. Мах ныридæгæн ис бадзырд НАТО-имæ, цæмæй бæрæг сты цалдæр сæйраг ардæмад, кæцытæ дæттынц фадат, практикон æмкуысткæнынады æрдæм саразæм къахдзæфтæ. Фембæлд, кæцы НАТО-Гуырдзыстоны советы фæлгæтты сырæздзæн 27 марты Брюсселы æмæ сæрмагондæй Гуырдзыстоны фæдыл уыдзæн, растдæр ацы æрдæм уыдзæн, цæмæй ауæрæхдæр кæнæм Сау Денджызыл НАТО æмæ Гуырдзыстоны æхсæн æмгуыстад» – райхъусын кодта Давит Залкалиани.
НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг Гуырдзыстонмæ æрцыд. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, Столтенберг Тбилисы официалон фембæлдтæ сом райдайдзæн.
25 марты къурисæры НАТО-ы генералон нымæрдар хицауады администрацийы фембæлдзæн Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзеимæ, цæй фæстæдæр медийы минæвæрттæн иумæйаг фидиуæнтæ сырæздзæн.
Афтæдæр палангонд у Йенс Столтенбергы фембæлд Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ æмæ Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Ираклий Къобахдзеимæ.
Визиты фæлгæтты Йенс СТолтенберг «НАТО-Гуырдзыстоны иумæйаг ахуыры æмæ аргълæвæрды центрмæ» (JTEC) дæр бацæудзæн.