National Geographic Гуырдзыстоны    туристон  потенциалы фæдыл публикаци кæны стати
National Geographic Гуырдзыстоны туристон потенциалы фæдыл публикаци кæны стати

Туризмы националон  администрацийы   маркетингон   кампанийы  фæлгæтты  «Нейшнл  Джеографик» (National Geographicпубликаци  кæны æртыккаг стати.

„5 Things to know before your first Georgian feast“- ацы  сæргондæй  ахадæг  рауагъдад «Нейшнл  Джеографик»  публикаци кæны Гуырдзыстоны  5  туристон  потенциалы фæдыл стати.

National Geographic-ы  журналист  Тара  Изабелла  Бартон   Гуырдзыстоны  туризмы   националон  администрацийы   хуындæй  абалц кодта æмæ   кæсджытæн  гуырдзиаг  фынджы  традициты æмæ   хæринæгты  фæдыл   радзырдта.

«Гуырдзыстоны  уæвгæйæ  мæ  фæхуыдтой  фынгмæ æнæ æрмæст сыхæгтæ  æмæ  хæлæрттæ, фæлæ ма  бынтон æнæзонгæ  адæймæгтæ дæр. Уыдтæн Гуырдзыстоны  уæлхох  ран – Хевсуреты.  Гуырдзиаг фынгыл куы рабадут уæд  басгардзыстут   бирæ  националон  хæринаг, фæлæ  сæ уыдонæй  сеппæтæй  фылдæр хицæн кæнынц, физонæг,  хæбизджын æмæ  хинкали.  Гуырдзиаг фынгыл  вæййы  бирæ  æндæр тынг хæрзад хæринæгтæ.  Гуырдзиаг фынгы  традици у, цæмæй  фынгыл æнæмæнгæй хъуамæ  уа тамада,  гуырдзиаг  фынгæй  та зæрдæхудт  ничи баззайы.

National Geographic-ыл туризмы националон  администрацийы  маркетингон  кампани декабры кæронмæ   аххæсдзæн.  Уый ацæудзæн Евроцæдисы  алы  бæстæйы æмæ  Америкæйы Иугонд Штатты.   Кампанийы  фæлгæтты,  Гуырдзыстоны  фæдыл   фондз   статий æрцæудзæн  публикацигонд.

«Туристонæй  стратегион  бæстæты  Гуырдзыстоны тыххæй иудадзыг режимы æххæст кæнæм   промо-активондзинæдтæ.  Дунейы   иуæй-иу  ставддæр  æмæ  ахадæг  рауагъдад  National Geographic-ы платформæйыл,  кæцыйæн æрвылбойнонæй  10  милуан кæсæг ис,  Гуырдзыстоны  фæдыл   кампани  æнтыстджынæй   цæуы.  National Geographic-ы  статитæ   ахъаззаг сты  бæстæйы  фæдыл зонындзинад рæзынадæн  æмæ  нысанон базартыл  æрфидар кæнынæн»,- райхъусын кодта  Туризмы националон администрацийы   къухдариуæггæнæг  Мариам Квривишвили.