Натиа Турнава – Уырыссаг эмбаргойы цауы, зианы æмтгæйон бæрц 4 миллиард ларимæ аххæссыдаит
Уæрæсейы æрдгæй æххæстаргъджын эмбаргойы цауы, Гуырдзыстоны зиан 4 миллиард ларимæ баххæссыдаит – уый фæдыл журналисттæн экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ трæзынады министр Натиа Турнава загъта.
«Эмбарго куы сфидар уыдаит, кæцы амондæн нæ сæххæст кодтой, зианы æмтгæйон бæрц ахæццæ уыдаит 4 миллиард ларимæ. Уый у фыццаджы дæр 750 милуан АИШ доллар, кæнæ 2 миллиардæй фылдæр ларийы æфтиаг туристтæй, кæцы хъуамæ райстаиккам афæдзы кæрон. Ай у 600 милуан доллары æхцайæ æрвитæггæгтæ, кæцы ивгъуыд азы æрбацыд æмæ зæгъæн ис ахæм бæрцмæ æнхъæлмæ кæсæм ацы аз дæр. Афтæма нæ экспорт сæны, хъæууон-хæдзарадон продукцийы æмæ минералон дæтты, кæцы афæдзы мидæг 300 милуан долларæй фылдæр у» – Банысан кодта Турнава.
Министры ныхæстæм гæсгæ, Аъчарайы туристтæ кæй фæкъаддæр сты уый æцæгдæр рахатинаг у зæгъгæ.
«Тынг бирæ рагагъоммæ ахст бынæттæ аивдтой. Хуыздæр уайид цæмæй нæ курорттыл фылдæр адæм уа» – райхъусын кодта министр.
Афтæма, Натиа Турнавайы дзырдæй, уый æппæтмæ æндавы æнæбæрнон фидиуæнтæ æмæ агрессивон риторикæ.
«Мах сæрмагондæй баст не стæм Уæрæсейы базарыл æмæ уырыссаг туристтыл, фæлæ ацы ардæмад уæддæр нысаниуæгджын у нæ туристон индустрийæн. Ма хъуамæ рох кæнæм уыцы хæдзарон типы фысымуаттæ, хуымæтæг æмбæстæгты, кæцытæ æнхъæлмæ кæсынц ацы туристтæм æмæ абон раст ацы проблемæ уынæм» – бафтыдта ма Натиа Турнава.