Натиа Турнава - Сидæм «Анаклиайы райтынгы консорциуммæ» концентраци скæнæт йæ хæстæ сыххæстыл, цæмй Анаклиайы порты арæзтад афоныл райдайа
Хицауады æрдгæй æнæ иу хатт банысан ис, цæмæй Анаклиайы порт у стратегион нысаниуæгы объект – уый тыххæй экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ тынгады министр Натиа Турнава райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хицауады æрдгæй банысан ис зæгъгæ, цæмæй Анаклиайы порт у стратегион нысаниуæгы объект.
«Ацы проектæн, прецедент кæмæн нæй ахæм æнцойад ис хицауады æрдгæй, райдайгæ 300 милуан ларийы инфраструктурæйæ, афтæма 70 милуан ларийы аргъæй зæххы фæзуат цъындыйæ балхæды æмæ 100 милуан доллары бæрц уæлæмхас финансдзинадæй фæугæйæ, афтæдæр æххæст юридикъон æххуыс» – банысан кодта министр.
Натиа Турнавайы дзырдæй, проектæн æххуысы тыххæй хицауад активон куыст кæны, уый нымæцы æхсæнадæмон банкътимæ дæр.
«Тынг стыр ныфс нæ ис, цæмæй хицæн инвестор – «Анаклиайы рæзынады Консорциум» сæххæст кæндзæн йæхимæ цы хæстæ райста, уыдон, ахæм егъау фарсхæцыны фоныл. Мах сæм сидæм ма агура æндæр æмæ æндæр æфсон æмæ концентраци скæна лæвæрд хæстæ сыххæстыл, цæмæй Анаклиайы егъаунысаниуæгджын порты арæзтад йæ афоны райдайа», – райхъусын кодта экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр.
Афтæма, абон министр райхъусын кодта, цæмæй документ кæцы олæвæрд æрцыд, «Эйпием Терминалс Поти»-мæ нæу арæзтады барлæвæрд, фæлæ ма у а.х. зæххæй пайдакæнынады рагафойнон аууæлтты документ, кæцы лæвæрд æрцыд техникон æмæ арæзтадон цæстбарынады агентады хистæры бардзырдæй, афтæ цæмæй ацы фарста разыгонд нæ уыд хицауады иунæг архайæг уæнгимæ æмæ нæдæр сæрмагондæй мемæ. Уымæй дарддæр ма, куыд фæбæрæг афтæмæй, уым ис процедурон хæлдтытæ дæр, кæцыйæ лæвæрд æрцыд ацы документ. Министрад фæмацы кодта ацы документ, æрмæст агентады къухдариуæггæнæгы та йæ куыстбынатæй систа.
Ног æрфдойнаг наулæууæны арæзтады барлæвæрды фæдыл знон фидиуæн ахæлиу кодта афтæдæр компани»Эйпием Терминал Поти». «Потийы денджызон наулæууæн бæрзонд аргъ кæны, амæйразмæ Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ министрад сахар Поты, ног æрфдойнаг, бирæфункцион наулæууæн арæзтады барлæвæрд адæттынæй æвдыст æнцойадæн, кæцы Поты порты уылты логистикон рæхысы фæтыхджындæр кæнын æмæ сахары райрæзтæн уыдзæн ахъаззаг»,- бацынсангонд у фидиуæны. «Эйпием Терминалс» «Потийы денджызон наулæууæн» 2011 азы апрелы балхæдта.