Натиа Турнава Потийы портмæ гæсгæ техникъон æмæ арæзтадон цæстдарынады агентады къухдариуæггæнæгы йæ куыстæй систа æмæ уый цы документ адæтта - уый фæмацы кодта
Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Натиа Турнава техникон æмæ арæзтадон цæстдарынады агентады къухдариуæггæнæг, Григол Какауридзейæ йæ постæй систа.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ документ кæцы олæвæрд æрцыд, «Эйпием Терминалс Поти»-мæ нæу арæзтады барлæвæрд.
«Документ кæцы лæвæрд æрцыд арæзтады бардæттæг нæу – ай у а.х. зæххæй пайдакæнынады рагафонион аууæлтты документ, кæцы лæвæрд æрцыд техникон æмæ арæзтадон цæстбарынады агентады хистæры бардзырдæй, афтæ цæмæй ацы фарста разыгонд нæ уыд хицауады иунæг архайæг уæнгимæ æмæ нæдæр сæрмагондæй мемæ. Уымæй дарддæр ма, куыд фæбæрæг афтæмæй, уым ис процедурон хæлдтытæ дæр, кæцыйæ лæвæрд æрцыд ацы документ. Уый æппæты тыххæй, абон ахицæн кодтам, цæмæй фæмацы кæнæм ацы документ, æрмæст агентады къухдариуæггæнæгы та йæ куыстбынатæй сисæм», – райхъусын кодта Турнава.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хицауады æрдгæй банысан ис зæгъгæ, цæмæй Анаклиайы порт у стратегион нысаниуæгы объект.
«Ацы проектæн, прецедент кæмæн нæй, ахæм æнцойад ис хицауады æрдгæй, райдайгæ 300 милуан ларийы инфраструктурæйæ, афтæма 70 милуан ларийы аргъæй зæххы фæзуат цъындыйæ балхæды æмæ 100 милуан доллары бæрц уæлæмхас финансдзинадæй фæугæйæ, афтæдæр æххæст юридикъон æххуыс», – банысан кодта министр.
Натиа Турнавайы дзырдæй, проектæн æххуысы тыххæй хицауад активон куыст кæны, уый нымæцы æхсæнадæмон банкътимæ дæр.