Натиа Турнава хъусын кæны, цæмæй  ранæй-ран арæнæвæрдтæ  фыццаг  февралы онг уыдзысты  сæ тыхы
Натиа Турнава хъусын кæны, цæмæй ранæй-ран арæнæвæрдтæ фыццаг февралы онг уыдзысты сæ тыхы

Координацион  советыл ахицæн кодтам, цæмæй  ранæй-ран арæнæвæрдтæ  фыццаг февралы онг  баззайæт йæ тыхы, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ  æнæфæцудгæ рæзынады министр   Натиа Турнава  хицауады æхсæнуагдонон координацион  советы рабадты  фæстæ  брифингыл  райхъусын кодта.

«Нæ рард у, фыццаг февралы  онг   цы  2-3  къуыри баззадис, уыдонæй  спайда кæнæм, цæмæй   тынг активон  коммуникаци нын уа  бизнесимæ  æмæ бацæттæ кæнæм  нæхи  фыццаг февралæй  æдæрсгæйæдæр  байгом кæнæм   базарадон  сектор æмæ скусын кæнæм  æхсæнадон транспорт», –  райхъусын кодта Натиа Турнава.

Координацион советы декабры ист  планмæ гæсгæйæ,  16 январæй  ранæй-ран  арæнæвæрдтæ  хъуамæ  фæрогдæр уыдаит. Сæрмагондæй та  плангонд уыдис  муниципалон  æмæ  горæтты  æхсæн  транспорты  куысты сног,  æмæ   базарадон объектты æмæ базарты байгом кæнын.