Натиа Турнава - Кæд æмæ Уæрæсеимæ тахтытæ сног уыдзысты ввахс перспективæйы, уый иттæг позитивон рæзынад уыдзæн нæ базарæн
Кæд æмæ Уæрæсеимæ тахтытæ сног уыдзысты ввахс перспективæйы, уый иттæг позитивон сигнал æмæ позитивон рæзынад уыдзæн нæ базарæн – уый фæдыл экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава хицауады рабадты фæуды фæстæ журналисттимæ ныхасы рæстæджы загъта.
Натиа Турнавайы дзырдæй, зæгъгæ æнæкæсгæ уымæ, цæмæй хицауад максималонæй сæ фарсмæ слæууыд туристон индустрийæн æмæ фысымуаттæн, негативон тенденци нырма нæ фæстæ нæ фæуагъдтам.
«Мæнæн куыд экономикæйы министрæн, мæ бон у сбæлвырд кæнын æмæ ныридæгæн бæрæг у статистиконæй дæр, цæмæй Уæрæсейы æрдгæй тахтыты урæд, тынг серьозон зиан æрхаста. Цæмæй цифрæты тыххæй бирæ ма дзурон, уый тыххæй зæгъдзынæн Националон Банкъы бæрæггæнæнты тыххæй, цæмæй бæрæг у, æхсæнадæмон туристон балцæй æрбафтгæ суммæтæ къаддæр кæй кæнынц. Уый та нын амоны, цæмæй, æнæкæсгæ уымæ æмæ максималонæй сæ фарсмæ слæууыдыстæм туристон индустрийæн, æмæ сæрмагондæй та чысыл фысымуатæн æмæ бинонты типы фысымуаттæн, ацы негативон тенденци нырма нæ фæстæ нæ фæуагъдтам æмæ нæм ныфс ис фидæны бахъом уыдзыстæм уый саразын. Ардгæй рацæугæйæ, кæд тахтытæ сног уыдзысты æввахс перспективæйы, уый уыдзæн иттæг позитивон сигнал æмæ позитивон рæзынад нæ базарæн»,- райхъусын кодта Натиа Турнава.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министр Сергей Лавров, 26 сентябры райхъусын кодта, ома уый Гуырдзыстонимæ авиазмæлды сног кæнынимæ разы у. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстонмæ авиа-бастдзинады сног кæнын раст къахдзæф уыдзæн.
Уæрæсейы Гуырдзыстонимæ комкоммæ авиазмæлд, 8 июлы баурæдта.