Натиа Турнава – Историон процессы хайадисджытæ стæм, Гуырдзыстоны уылты Европæмæ лæвæрд цæуы Каспиаг газ
Алчи стæм æцæгæйдæр историон процессы хайадисджытæ, нæхи æмæ регионы бæстæты æнусон бæллицц сыххæст кæнын реалон куы ссис, ома Гуырдзыстоны уылты, Европæмæ лæвæрд цæуы Каспиаг газ. Ныридæгæн архайы æнæрмæст хуссаркавказаг хай, кæцыйæ бæрæг пайда æфты Гуырдзыстонмæ, фæлæ ма Шах-Денизы дыккаг фазæйы фæстæ, æнтыстджынæй райдыдта Танапы проект æмæ ныридæгæн, фæстагмæ та Транс-адриатикон хæтæлвæд, – уый фæдыл экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава райхъусын кодта.
Министр хайад иста хуссары газы кæлидоры уынаффæгæнджыты советы министериалы, кæцы ацы аз ацы онлайнформаты. Мадзал бакодта Азербайджаны президент Ильхам Алиев.
Натиа Турнава дзырдæй рацыд пленарон сессийыл «Хуссары газы кæлидор: æнтыстытæ, ТАП-ы проекты фæуд æмæ Азербайджанæй Европæмæ газы æввонг кæныны райдайæн».
Йæ аргълæвæрдæй, ацы азы министериал у иуæй-иу сегасдæр æнтыстджын, регионалон проекты хаадисæг бæстæтæн сæ бон зæгъын у, цæмæй пандемимæ нæкæсгæйæ, цы мадзæлттæ уыдис нысанмæ ист, уыдон иууылдæр сыххæст сты.
«Абон мах ныхас кæнæм фидæны, ноджы цымидисондæр рæзынадыл, фæнды, Туркменийы ацы инициативæмæ бауи кæныныл. Афтæдæр дзырдæуы ног гуырхастыл, ног бацагурæн куыстытыл, кæцытæ æххæст кæны нæ стратегион партнер æмæ хæлар паддзахад Азербайджан. Афтæма ныхас кæнæм ацы кæлидоры æмæ хæтæлвæды хызаг ноджы ауæрæхдæр кæныныл æмæ ацы хъуыддагмæ æндæр европаг бæстæты, дæнцæн, Балканты бæстæты баиу кæныныл», – банысан кодта экономикæйы министр.
Натиа Турнавайы дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны цæрджытæн афтæдæр сæйраг пайда у Шах-Денизæй а.х. «æнæфидгæ газ»-ы райрæзгæ гуырахст, кæцы бæстæйы энергетикон хæдбарад ноджы фæтыхджындæр кæндзæн.