Натиа Турнава - Гуырдзыстоны хуыд медицинон маскæтыл ис æркуырд АИШ-ы, Европæйы бæстæты æмæ Украинайы
Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Натиа Турнавайы куырдиатæй, Гуырдзыстоны хуыд маскæтæ экспортмæ хаст æрцæудзысты.
Министры дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны хуыд маскæтыл æркуырд ис АИШ-ы, европаг бæстæты, афтæма Украинайы дæр.
«Нырид 20-ы онг æндæр æмæ æндæр компанийæ хуыйынц медицинон маскæтæ. Гуырдзыстоны базар уый йас бафсæст æмæ ацы бонты раттам бар, ахæссой сæ экспортмæ. АИШ-ы ис æркуырд, ис европаг бæстæты æмæ Украинайы дæр. Уымæй та, бæргæ у уый æмæ импортер бæстæйæ, дыууæ мæймæ фестадыстæм экспортерæй», – райхъусын кодта Натиа Турнава.