Натиа Турнава - Банктæ равдыстой фæнд, туризмы секторæн ноджы иу хатт æркæсой кредитты реструктуризацийы фарста
Банктæ равдыстой цæттæдзинад, туризмы секторæн ноджы иу хатт æркæсой кредитты реструктуризацийы фарста – уый фæдыл Гуырдзыстоны экономикæйы министр Натиа Турнава, хицауады рабадты фæстæ фехъусын кодта.
«Знон мæ коллегæтимæ нын уыдис онлайн-фембæлд банктимæ æмæ сæ бæрзонд рангы менеджментимæ. Фæныхас кодтам уыцы фадæттыл, цæмæй ноджы иу хатт æрцæуа кредитты реструктуризаци туризмы секторæн æмæ чысыл фысымуаттæн. Райгонд дæн цæмæй банктæ равдыстой цæттæдзинад. Цæй зæгъын æй хъæуы алкæцы конкретон цаумæ гæсгæйæ, уымæн æмæ уым ис æндæр æмæ æндæр аууæлттæ, кæцы нысаниуæгджын сты банктæн. Æмтгæй райсгæйæ, ис цæтæдзинад, цæмæй кæд фысымуаттæ бавдисдзысты куырдиат, уææд банктæ цæттæ сты ноджы иу хатт æркæсой кредитты реструктуризаци» – райхъусын кодта Натиа Турнава.