Натиа Турнава – Автсриаг «OMV» -ы æрбацыд, ноджы иу бæлвырдгæнæн у, цæмæй Гуырдзыстоны уæвæг бизнесæрдз у рухсдзыд æмæ зæрдæмæдзæугæ
Дунейы нефтгиганттæн Европæйы сегасдæр хуыздæр дæсы æхсæн уæвæг австриаг нефткомпани «OMV» Гуырдзыстоны гом æхсæнадæмон тендеры фæуæлахизы фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны нефты æмæ газы бацагуырд- амалгæнæн куыстытæ сæххæст кæндзæн, – уый фæдыл абон экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава хицауады администрацийы уагъд брифингыл фехъусын кодта.
Экономикæйы министрады информацийæ, 2020 азы 22 июны, Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады хицауадон барады юридикъон уæнг нефты æмæ газы агентад, нефты æмæ газресурстæй фæлхасады генералон лицензи райсынæн, Сау Денджызы II æмæ III лицензион блокътыл, æргом æхсæнадæмон тендер ауагъдта, кæцыйы рæстæджы II лицензион блокъыл уæлахизгондыл нымад æрцыд ставддæр австриаг нефткомпани «OMV»-ы къорды уæнг « OMV PETROM S.A».
Сæ информацийæ, тендеры уæлахизгонд компани сейсмоагурæн куыстытæ ауадзыны фæстæ, бæраггæнæн куыстытæм æрывналдзæн. Фæнысангонд австриаг компаниимæ баст у Румынийы территорион дæтты уæвæг «Домино»-йы гуырæнуаты ссарын, кæцыйы аргъ, 1,5 миллиард АИШ доллар у.
Фæнысан кæнын хъæуы уый æмæ Гуырдзыстон Сау Денджызы бæстæтæй иунæг у, цы ран шельфы фадыгыл нефты æмæ газы бацагуырд нæ цæуы.