Натиа Мезвришвили - уыцы адæймæгтæ, кæцытæ уæззау æмæ сæйрмагондæй уæззау фыдракæнд, басусæг кæндзысты, тызмæг æфхæрд æрцæудзысты
Мидхъуыддæгты министры хæдивæг, Натиа Мезвришвилийы фидиуæнæй, уыцы адæймæгтæ, кæцытæ уæззау æмæ сæйрмагондæй уæззауы категоримæ хауæг фыдракæнд, марындзинад басусæг кæндзысты, тызмæг æфхæрд æрцæудзысты.
Натиа Мезвришвили журналисттимæ ныхасы йæ хъусдард раздæхта «Тугтæрхоны барады кодексмæ» бахæссинаг ивдтыты æрдæм. МХ министры хæдивæг куыд банысан кодта, афтæмæй практикæйæ фæбæрæг цæмæй, фæстаг периоды, уæззау æмæ сæрмагондæй уæззау фыдракæнды басусæг кæныны цаутæ сфиксир ис.
«Практикæйы уыдис ахæм цаутæ, æмбæстæгтæ, кæцытæ хæсджын сты, полицийæн фыдракæнды тыххæй фехъусын кæной æмæ фыдракæнд ма басусæг кæной, уæззау æмæ сæрмгаондæй уæззау фыдракæнды фæдыл информаци бамбæхстой. Ахæм фыдракæнды æрдæм абон архайæг закъондæттынад у æгæр фæлмæн, уый тыххæй дæр рацыдыстæм санкциты фæкарз кæныны инициативæйæ.
Кæд абон архайæг закъоны æмæ ивдтыты кæрæдзиимæ сбардзыстæм, уæд уын зæгъдзынæн цæмæй абоны закъон, уæззау æмæ сæрмагондæй уæззау фыдракæнды басусæг кæныны тыххæй йæ хъуыдыйы дары æгæр ныллæг санкций. Ивындзинæдтæй та фыдракæнды диференцирдзинад фыдракæнды уæзмæ гæсгæ цæуы æмæ уыцы адæймæгтæ, чидæриддæр уæззау æмæ сæрмагондæй уæззау категоримæ æмбæлон фыдракæнд – марындзинад басусæг кæндзысты, дзуаппмæ лæвæрд æрцæудзысты тынг тызмæг. Уыдон æфхæрд æрцæудзысты æрмæстдæр ахстæй, уымæн æмæ проект альтернативон æфхæрд йæ хъуыдыйы нæ дары. Уый у дзыллæмæ сигнал, сæрмагондæй та уæззау æмæ сæрмагондæй уæззау фыдракæндты цауы» – райхъусын кодта Натиа Мезвришвили.
Парламенты адæймаджы барты хъахъхъæды комитет ивдтыты фыццаг хатт абон æркæдзæн.
Сæрмагондæй та, мæнг информацийыл, мæнг æвдисæндзырдыл, мæнг хатдзæгыл, экспертон иртасæны объекты æнæхъахъхъæды æмæ æнæраст тæлмацыл, тугтæрхоны барады бæрн карздæр кæны.