Натиа Мезвришвили - Æвзæрстыты процессы æдасдзинад гарантиргонд уыдзæн
Иттæг нысаниуæгджын æвзæрстытæ нæм æрбахæццæ сты, уагæвæрдыл тынг активон фæкуыстой æмбæлон куыстытæ, ЦÆК, эпидемиологтæ æмæ æдæрсгæйæ нæ бон зæгъын у, цæмæй æвзæрстыты процессы æдасдзинад уыдзæн гарантиргонд – уый фæдыл хицауады администрацийы хистæр Натиа Мезвришвили, æхсæнуагдонон координацион советы фæстæ лæвæрд брифингыл фехъусын кодта.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, уагæвæрд бакуыст æрцыд эпидемиологты рекомендацитыл æнцойæ æмæ æвзæрстытыл уыдзæн æдас уавæр, куыд цæстдарджытæн, афтæ æвзæрстгæнджытæн.
«Максимум сарызтам уый тыххæй, цæмæй алкæцы адæймаджы хъæлæскæныны бар реализацигонд уа, æнæкæсгæ пандемимæ. Æндæр æмæ ндæр форматы тынг бирæ фæкуыстой æмбæлгæ куыстытæ æмæ хатдзæгæй нæ бон зæгъын у, æвзæрстытæм бацæуын у æдас æмæ курæг стæм æмбæстæгтæй, цæмæй хайад райсой æвзæрстыты», – фехъусын кодта Натиа Мезвришвили.
Хицауады администрацийы хистæр ноджы иу хатт æрсидтис æмбæстæгтæм, цæмæй максималонæй бахъахъъæнæт уагæвæрд, уый нымæцы, дарæт маскæтæ æддæйæ дæр.