Натиа Мезвришвили – хицауады администрацийы хистæры бынатæй йæхи суæгъд кодта
Натиа Мезвришвили хицауады администрацийы хистæры бынтæй йæхи суæгъ кодта.
Уый тыххæй фехъусын кодта социалон хызаг «Фейсбукы».
«13 азон иттæг цымидисон æмæ быцæусидтытæй едзаг куысты фæстæ, абон мæхи суæгъд кодтон хицауадон куыстæй. Фæнды мæ бузныг зæгъын алы хицауадон кусæгæн, кæцытимæ иумæ азтæ арвыстам. Бузныг алкæмæн – хицауады, паралменты, политикæйы æви политикæйы æддæйæ, æхсæнадæмон партнертæн, æнæхицауадон организщацитæн, журналисттæн æмæ алкæмæн, кæйимæ дæр ацы периоды дæргъы æмкуыст кодтам.
Хицæнæй арфæгæнæг дæн Гахариайæн – кæцы уымæн бынтон æнæзонгæ адæймагыл баууæндыд æмæ бирæ дзæбæх хъуыддаг саразыны фадат мын ратта. Ныфс мæ ис, кæм Æнды дæр уон, мæ бон бауыдзæн бæстæйы прогресс æмæ æнтыстæн дзæбæх хъуыддаг аразын» – фыссы Натиа Мезвришвили.