Натиа Мезвришвили – Æвзæрстытæ алы регионы дæр цæуынц сабыр уавæры
Мидхъуыддæгты министрадмæ цы информаци ис уымæ гæсгæйæ, æвзæрстытæ алы регионы сабыр уавæры цæуынц – уый фæдыл брифингыл райхъусын кодта МХ министр хæдивæг Натиа Мезвришвили.
ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ сфиксир ис полицийы компетенцимæ æфтыд гæнæн барадсасты 29 факт, кæцытыл реагирдзинад уыд уайтагъд. Афтæма асгæрсты фæстиуæгæн не сбылвырд ис 15 факты, кæнæ та нæ хастой фыдракæнды нысæнттæ.
7 хъуыддагыл та, кæцытыл хъастгæнджытæ хъусын кодтой физикъон æфхæрды, æртъхъирæны æмæ дзуама базиан кæныны гæнæн фактытыл, фæдæвзарæн тугтæрхоны барады кодексмæ æмбæлгæ статиæй райдыдта. СÆ нымæцы фæдагуырд райдыдта Батумы, Марнеулы, СИгънагъы, Къаспы, Самтредиа æмæ Ахалкалакы æрцæугæ инциденттыл» – райхъусын кодта Мезвришвили.
Йæ информацийæ марнеулы æрцæугæ дзырдæй æмæ физикъон быцæудзинады рæстæджы конфликты хайадисджытæ фæбыцæу сты барадсаст кæрон скæнынæн бынатмæ бацæугæ полициæгтæм, цæй тыххæй дæр барадхъахъхæнджытæ администрацион æгъдауæй æрцахстой «Иууон Националон Змæлды» иу уæнгы æмæ иуы та «Гуырдзиаг Бæллиццы» уæнгы.
МХ министры хæдивæгы информацийæ, фæнысангонд фактыл фæдагуырды фæлгæтты уагъд цæуынц æмбæллон фæдæвзарæн архæйдтытæ.
МХ министры хæдивæг дзуапп ратта полицийы специалон нысаниуæгы балты æвзарæнон фадгуытыл змæлды тыххæй медийы ахæлиугонд информацийы фæдыл.
«Æхсæнадон сæрфад бахъахъхъæныны нысанæй, æмбæлон технпикæйæ ифтонггонд полицион тыхтæ æппæт бæстæйы масштабæй адихы фæдыл, идхъуыддæгты министрад ныридæгæн сарызта фидиуæн æнæ иу хатт. Полицийы кусджытæ се хæстæ æххæст кæнынц закъонæй бæрæг фæлгæтты æмæ æвзарæнон фадгуытæм сты закъонæй æруадзгæ радиусы, цæмæй максималонæй баахъаз уа æвзæрстыты æдас æмæ сабыр уавæры ауадзын. Ахæм бынативдтæ боны дæргъы цæудзысты»- райхъусын кодта Натиа Мезвришвили.
МХ министры хæдивæг дзуры, цæмæй полици сбæрæг кæндзæн æвзæрстгæнджытæн гæртам раттыны ахæлиугонд алы информацийы æмæ закъонæ бæрæг æгъдауæй фехъусын кæндзæн Гуырдзыстоны прокуратурæйæн.