«Намахван-ГЭС»-ы каскадты ныхмæлæуджыты протестон акци райдыдта Кутаисы
«Намахван-ГЭС»-ы каскадты ныхмæлæуджыты акци райдыдта Кутаисы, цы ран централон фæзыл мингай адæймаг æрымбырд ис. Акцийы хайадисджытæ Гуырдзыстоны æндæр æмæ рæттæй ныццыдысты.
Протесты Протесты 141 бон акцийы хайадисджытæн ма фæзындис иу ног æркуырд, йæ пост ныууадзæт экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава. Акцийы хайадисджытæ абон райдайдзысты къухфыстытæ æмбырд кæнын.
Акцийы хайад исынц æнæхицауадон организациты æмæ оппозицион партиты минæвæрттæ, афтæдæр барты хъахъхъæнджытæ. Акцийы мониторинг кæнынц адæмон барты хъахъхъæнæгы минæвæрттæ.
«Сæрæй фондз адæймагæй уыдыстæм æмæ абон лæууæм мингай адæймаг, уымæн æмæ слæууыдыстæм рæстдзинады фарс æмæ рæстдзинад нæ сбирæ кодта ам.
Куыд фæнды фидар уæд знаг, кæцы нæ ныхмæ лæууы, æнæмæнгæй рæстдзинады фæрцы йæ басæтдзыстæм ацы знагы. Ай у гуырдиаг зæххы хъахъхъæды фарст, нæ зæхх хъахъхъæнынæй зæрдæцъæх никуы фæуыдзыстæм. Ай уыдзæн уазал сæрæй ист уынаффæтæ, нæ уыдзæнис æгæрон эмоцион архæйдтытæ. Ноджы ма фылдæр адæймаг слæудзæнис ацы, кæнæ æндæр фæзыл æмæ нæ интерестæ никуы балыстæг уыдзысты искæй нарæг интерестыл»- райхъусын кодта акцийыл дзырдæй ралæуды рæстæджы Рионы Комы хъахъхъъæнæг Варлам Голетиани.
Акцийы хайадисджыты архайадон планы тыххæй куы зæгъæм, Голетианийы дзырдæй, зæгъгæ акцийы хайадисджыты хай Кутаисы централон фæзыл æнæхъæн æхсæвы дæргъы уыдзсты. Афтæдæр сырæздзæнис къордтæ, кæцы кæрæдзийы ивдзысты хъæу Намохваны æвæрд цатырты æхсæв бон кæнынæн.